Владимир Зеленский хъусын кæны, цæмæй премьер-министры кандидатурæйы фæдыл консультацитæ ныридæгæн райдыдта
Украинайы президент Владимир Зеленски хъусын кæны, цæмæй премьер-министры кандидатурæйы тыххæй зæгъгæ консультацитæ ныридæгæн райдыдта. Уый фæдыл Зеленский райхъусын кодта, æвзæрстытыл куы схъæлæс кодта уый фæстæ.
Украинайы преизденты хъуыдымæ гæсгæйæ, Украинайы фидæн премьер хъуамæ уа профессионал экономист, кæцы ивгъуыды никуы уыд премьер-министры, парламенты спикеры кæнæ искæцы партийы лидеры постыл.
«Премьер-министры фарстайы тыххæй зæрдæргомæй зæгъдзынæн, гæнæн ис иуæй-иуты зæрдæмæ нæ фæцæуа, парламентмæ бацæуын чи хъавы уыдонæй, уымæн æмæ ацы банытыл сæрмагонд кандидатурæ бавдисын фæнд кæнынц. Уый тыххæй мæ позици æнæивгæ у. ХЪуыды кæнын цæмæй ацы адæймаг хъуамæ уа абсолютонæй профессионал экономист, кæцымæ нæ уыдзæн политикъон скуыддзаг. Фæнды мæ, уа бынтон хæдбар адæймаг, кæцы никуы ахста премьер-министры, спикеры, кæнæ искæцы партийы лидеры пост. Ахæм адæймагы уынын ацы постыл. Æцæг уын зæгъон цалдæримæ консультацитæ дæр уадзæм» – райхъусын кодта Зеленский.
Украинайы президент, æвзæрстыты фæстæ Радайы раздæры хицауады минæвæрттимæ иумæ оалици саразыны гæнæндзинад ацух кодта.
Украинайы абон æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ цæуынц. Æвзæрстыты хайад исынц 22 патийы, кæцыты партион номхыгъдты 2 747 кандидат ис. Иумандатджын мажоритарон бæстæты æдæппæт 3 083 кандидат æппары хал. Уыдонæй æрдæг бархийæ исынц хайад æвзæрстыты.
Развæлгъау прогнозæйфарстæм æрсидты Радамæ бацæудзысты фондз партийæ. Фаворит Украинайы президенты Владимир Зеленскийы партий «Слуга Народу» у, дыккаг бынатыл та, ис Виктор Медведчукы «Оппозицион платформæ царæдн», кæцыйæн æвзæрстгæнджыты 12 процент хæцы йæ фарс. Радамæ афтæдæр бацæудзысты Украинайы раздæры президленты Петро Порошенкойы партий «Европаг Солидарондзинад», Юлия Тимошенкойы «Батькивщина» æмæ рокмузыкант Святослав Вакарчукы «Голос».
Радайы æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты развæлгъау фæстиуджытæ изæры фæбæрæг уыдзысты. Эгзитполты фæстиуджытæ бæрæг суыдзысты 21 июлы изæр.
Фарастæм æрсидты Радайы фыццаг рабадт 9 сентябры онг хъуамæ сырæза.
Украинайы цæугæ æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты, Гуырдзыстоны Фыццаг КЪаналы исæг къорд срухс кæндзæн.