Владимир Путин  Уæрæсейы æфсады дыууæ милуаны онг фæфылдæр кæныны бардзырд бафыста
Владимир Путин Уæрæсейы æфсады дыууæ милуаны онг фæфылдæр кæныны бардзырд бафыста

Уæрæсейы  президент, Владимир Путин  Уæрæсейы  æфсад дыууæ  милуан онг фæфылдæр кæныны фæдыл бардзырд бафыста.  Уый фæдыл  хъусын кæны уырыссаг медиа.

Уырыссаг медиайы  хъусинагæй,  Уæрæсейы  президенты бардзырдæй,  2023 азы  фыццаг январæй  Уæрæсейы æфсæддон службæгæнджыты нымæц  хъуамæ райрæза   137 минæй  æмæ  суыдзæн  2 милуан  40  мины бæрц.

2017 азы бардзырдæй  Уæрæсейы æфсады   куыстой  иу милуан  903 мин адæймаг.