Владимир Мединский – Бадзырдтыл Украинайæ райстам æнхъарæнтæ, кæцыты æввахс фидæны æркæсдзыстæм, базонын сæ кæндзыстæм президентæн æмæ уыдзæн æмбæлгæ дзуапп
Владимир Мединский – Бадзырдтыл Украинайæ райстам æнхъарæнтæ, кæцыты æввахс фидæны æркæсдзыстæм, базонын сæ кæндзыстæм президентæн æмæ уыдзæн æмбæлгæ дзуапп

Уæрæсе Украинайы конфликты  дээскалацийæн дыууæ къахдзæф  сараздзæн, Уæрæсейы Федераци  Стамбулы  райста дырыс позици Украинайæ –  уый фæдыл Укаинаимæ бадзырдты Уæрæсейы делегацийы къухдариуæггæнæг, Владимир Мединский  Стамбулы, абдзырды фæуды  фæстæ йехъусын кодта.

Уæрæсейы делегацийы  къухдариуæггæнæджы  дзырдæй,  бадзырдыл  цырд куысты æмæ кеомпромисс ссарыны цауы,   сабырад сфидар кæнын гæнæн уыдзæн бирæ тагъддæр.

Уыимæ уырыссаг медийы информацийæ, Мæскуы  Киевæн банхъарыд  президент  Путины æмæ Зеленскийы æхсæн  фембæлд фæсарæн хъуыддæгты министрты  сабырадон бадзырд бафыссынимæ иумæ.

«Бадзырдтæ  конструктивон уыд. Райстам æнхъарæнтæ  Украинайæ æркæсынæн – дырыс позици бадзырдмæ  се рбацыды тыххæй.  Ацы æнхъарæнтæ  æркæсдзыстæм  æввахс фидæны, базонын кæндзыстæм президентæн  æмæ æмбæлгæ дзуапп ратдзыстæм» – загъта Мединский.

Уæрæсейы делегацийы къухдариуæггæнæг банысан кодта, цæмæй  Путины  æмæ Зеленскийы фембæлд гнæн уыдзæн, куыддæр бадзырд æрцæттæ уыдзæн афтæ.