Уырыссаг медиа  ахæлиу кодта   кадртæ,  кæцыты  зыны, куыд  фæцæуынц  уырыссаг сабырадхъахъъæнджытæ  Уæлхох Карабахмæ
Уырыссаг медиа ахæлиу кодта кадртæ, кæцыты зыны, куыд фæцæуынц уырыссаг сабырадхъахъъæнджытæ Уæлхох Карабахмæ

Уырыссаг медиа  ахæлиу кодта   кадртæ,  кæцыты  зыны, куыд  фæцæуынц  уырыссаг сабырадхъахъъæнджытæ  Уæлхох Карабахмæ.

Уæрæсейы æмæ Азербайджаны   президентты æмæ  Сомихыстоны    премьер-министры   бадзырдмæ гæсгæ, Уæлхох Карабахы  æрлæудзæн 2000  уырыссаг сабырадхъахъъхæнæг.

Сомихыстоны   премьер-министр Никол Пашинян  райхъусын кодта, цæмæй   Уæрæсейы  æмæ Азербайджаны   президенттимæ  къух бафыста  Уæлхох Карабахы   хæстон  архæйдты  бауромыны фæдыл бадзырдыл. Сомихыстоны    премьеры фидиуæн  Ереваны   протестон рацыдтæ расайдта.  Сæдæгай  адæймаг  Ереваны  Республикæйы фæзыл  æрымбырд.  Демонстрантты хай   хицауады  хæдзармæ  дæр бабырста.