Уырыссаг медиайы информацийæ, Цæгат Ирыстоны, Уæллаг Ларсы контролон-ахизæн пунктыл  уавæр срегулир кодтой
Уырыссаг медиайы информацийæ, Цæгат Ирыстоны, Уæллаг Ларсы контролон-ахизæн пунктыл уавæр срегулир кодтой

Уырыссаг  паддзахадон   агентад «ТАСС»-ы  информацийæ, Цæгат Ирыстоны, Уæрæсе-Гуырдзыстоны  арæныл, Уæллагн Ларсы  контролон-ахизæн пункты цур уавæр   нормализацигонд у æмæ фистæгæй  арæныл   рахизыны  фæндджыты рæнхъытæ нал  лæууы.  Медиайы хъусинагæй,    хæдтулгæтæ дыууæ километры дæргъыл  иу рæнхъæй лæууынц.

«ТАСС»-ы  корреспондент куыд хъусын кæны афтæмæй,   колоннæйы  змæлды тагъдад рахатинагæй   сырæзтис.

Медиафæрæзы бæрæггæнæнтæй, Уæрæсе-Гуырдзыстоны  арæныл рахизынмæ   4,8 мины онг хæдтулгæ  æнхъæлмæ кæсы, кæцытæ   æртæ мины бæрц  сты рог хæдтулгæтæ.

Уæдмæ Цæгат Ирыстоны Республикæйы   къухдариуæггæнæг, Сергей Меняйло   райхъусын кодта, цæмæй  фæстаг  дыууæ суткæйы мидæг  Уæрæсейæ  Гуырдзыстонмæ, 20 минæй филдæр адæймаг  ахызт.