Урсула фон дер Лайен – Брюссель афæдзы кæронмæ план кæны уырыссаг нефты импорт фæуромын
Брюссель афæдзы кæронмæ уырыссаг нефты импорт фæуромын план кæны – уый фæдыл Еврокомиссийы президент Урсула фон дер Лайен райхъусын кодта европарламенты дзырдæй ралæуды рæстæджы.
Евроцæдисы æххæстгæнæг органы къухдариуæггæнæг европарламентаритæн загъта, цæмæй санкциты æхсæзæм пакет æввахс бонты уыдзæн цæттæ.
Урсула фон дер Лайены дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы ныхмæ санкциты цыппар æрдæм фæбæрæг ис. Санкциты нысанæй уыдзысты, бæрзонд рангы уырыссаг æфсæддон офицертæ, кæцытæ хæстон фыдракæндтæ сыххæст кодтой буча æмæ Мариуполы; Уæрæсейы ставддæр банк «сбербанк» хъуамæ рацух уа «Свифты» банкон системæйæ.
Паддзахадон исады уæвæг æртæ ставд уырыссаг уацхæссæг Евроцæдисы кабелон, сателитон æмæ интернеты хызæгтæй хъуамæ раиу уа.
«Æртæ ставддæр уырыссаг уацхæссæгæн нал уыдзæн фадат йæ æрмæг ахæлиу кæнын Евроцæдисы. Адон сты рупортæ, кæцытæ тынг кæнынц Путины гæдыдзинæдтæ æмæ пропагандæ агрессивон формæйæ. Æмæ фæстагмæ æй æххæссы нефты импорты тобæмæ. Æнццон нæ уыдзæн, уымæн æмæ иуæй-иу уæнгтæ тынг баст сты уырыссаг нефтыл, фæлæ мах уый хъуамæ саразæм», – райхъусын кодта Урсула фон дер Лайен.