Урс Хæдзары хъусын кæнынц, цæмæй æфсæддон æххуысы ног пакетæй Украина ныридæгæн исы хæцæнгарз
Æфсæддон æххуысы ног пакетæй Украинæ ныридæгæн исы хæцæнгарз – уый фæдыл Урс Хæдзары пресснымæрдар Карин Жан-Птер райхъусын кодта.
Пресснымæрдар журналисттæн куыд загта афтæмæй, фæнысангонд фарстайыл ныхасы рæстæджы хъæуы хъавгæдзинад, уымæн æмæ йæ дзырдæй, зæг\гæ дзырдæуы оперативон æдасдзинады фарстатыл.
«Æххуыс Украинамæ фæцæуы, ныр уыдон исынц ацы æххуыс æдасдзинады секторы» – банысан кодта Жан-Пьер.
Уый ма ныфс равдыста, цæмæй аы хæцæнгарз Украинайы гарзджын тыхтæн баххуыс уыдзæн фронты хаххыл, цæмæй сæхи баиргъæвын бафæразой.
АИШ-ы Сенат, Украинайæн 61 миллиард доллары бæрц æххуысы пакет ивгъуыд къуырийы сфидар кодта. Уæдмæ америкаг медиайы хæлиу кодта информаци, ома гæнæн уыдис, Украинайæн хæстæрмæгы хай пакеты сфидар кæнынæй иу къуырийы æмгъуыдмæ фæхæццæ кодтаиккой.