Украинайы вице-премьер хъусын кæны, цæмæй «Азовсталæй» гуманитарон кæлидор абон нæ байгом уыдзæн, уымæн æмæ ацы фарстайыл бадзырд нæй
Украинайы вице-прмеьер Ирина Верещчук хъусын кæны, цæмæй «Азовсталæй» гуманитарон кæлидор абон нæ байгом уыдзæн, уымæн æмæ фарстайыл разыдзинад нæй.
«Уый тыххæй мах æрвитæм куырдиат ИНО-йы генералон нымæрдармæ, цæймæй уа гуманитарон кæлидоры байгомы инициатиор æмæ гарантор. Дзырдæуы кæлидорыл сабырадон æмбæстæгтæн, кæцытæ «Азовсталы» сты. Сæрмагондæй та ракуырдтам, гуманитарон колоннæйы уой ИНО-йы æмæ Сырх Дзуары минæвæрттæ» – райхъусын кодта Украинайы вице-премьер.
Бакой уын кæндзыстæм, уæдмæ Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады райхъусын кодтой, цæмæй абон Киевы рæстæгæй 14:00 сахатæй сабыр æмбæстæгтæн «Азовсталæй» рацæуынынæн кæлидор фегом кæндзысты.