Украинайы прокуратурæ, Михеил Саакашвилийы аскъæфыныл хъуыддаг рæгъмæ рахаста
Украинайы прокуратурæ, Михеил Саакашвилийы аскъæфыныл хъуыддаг рæгъмæ рахаста. Уый фæдыл информацийы, хъусын кæны уагдоны пресс-куыст.
Фидиуæны, дзырдæуы, цæмæй хъуыддаг æххæссы Одессæйы раздæры губернаторы Михеил Саакашвилийы аскъæфыны æмæ Польшæмæ æнæзакъононæй нылласынмæ, кæцы æрцыд 2018 азы 18 февралы.
Уæдмæ Михеил Саакашвили райхъусын кодта, цæмæй Украинайы генералон прокуратурæмæ бахæсдзæн куырдиат, æмæ йæ Украинайæ аскъæфыны æмæ бæстæйæ аддæдуар кæныны хъуыддаг равзарын æркурдзæн.
«Украинайы сæйраг прокуратурæйы Гуырдзыстоны раздæры президенты, Михеил Саакашвилийы куырдиат райстам, йæ аскъæфыны æмæ йæ Украинайы паддзахадон арæны уылты, Польшæмæ тыхæй аласыны хъуыддагыл. Фæнысангондмæ гæсгæ, радыдта тугтæрхоны барады хъуыддаг»- дзырдæуы фидиуæны.
Украинайы хицауад, 2018 азы Саакашвилийы аддæдуар кодта Польшæмæ, хицауад бæлвырд кодта, цæмæй Одессайы раздæры губернатор 2017 азы æнæзакъононæй бахызт Украинамæ, уый йæ фарсхæцджытимæ имæ, арæнхъахъхъæнджыты кордон куы атыдтой уæд.