Михеил Саакашвили – 2008 азы мæм бирæтæ æрсидтысты, цæмæй мæлæты тасæй ацæуон Гуырдзыстонæй, æз мæ хъуыды нæ аивтон, не ‘фсадимæ иумæ фервæзын кодтам Гуырдзыстоны паддзахаддзинад
Æхсæнадæмонæй санкцигонд гадзрахатæй цæуыны комисы хæс афтæдæр уыд мæ скуынæг кæныны операци фæуын, бирæ азты дæргъы мæ ныхмæ æндæр æмæ æндæр æлгъагдзинæдты инсинуациты фæстæ, хъизæмæрттæ æмæ ахæстоны марындзинады фæстæ – уый фæдыл раздæры президент Михаил Саакашвили социалон хызагы фыссы.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, 2008-æм азы йæм бирæтæ сидтысты, цæмæй ныууадза бæстæ æмæ ацæуа эмиграцимæ мæлæты тасæй, фæлæ уый мобилизаци кодта гуырдзиаг æмæ дунеон æмæхсæнад æмæ бæстæйы æфсадимæ иумæ фервæзын кодта Гуырдзыстоны паддзахаддзинад.
«Иванишвили кæронмæ æххæст кæны йæ ныфсæвæрдтæ, фæлæ гуырдзиаг адæмæн нæ, фæлæ йæ уырыссаг меценаттæн, кæцытæ йын 2012 азы 2,5 миллиард доллар раттой æмæ йæ гибридон спецоперацийы фæстиуæгæн хицауадмæ æркодтой.
Ацы гадзрахат «къамисы» хатдзæджы сæйраг уагæвæрдтæ, кæцыты алы дзырд дæр у чъизи мæнгдзинад, комкоммæ фыст сты «Люблянæйы» æмæ йæ хæс у 2008 азы Уæрæсейы агрессийы аххосджын кæнын агрессийы амæттаг Гуырдзыстоны.
Ацы ног спецоперацийы нысан у уæрæхдæр, сæ фæнды гуырдзиаг адæмы историон мысынады уидæгтæ аппарын, сау кæнын Розæйы революцийы гениалон бынтæ æмæ Гуырдзыстоны уыцы 9 азы феноменалон æнтыст, кæцы æнæхъæн дуне банымадта, гуырдзиаг адæмы сæрибардзинадмæ уарзондзинад фехалын.
Æнæзакъонон парламенты арæзт ацы «къамис» у талынг ивгъуыдæй маст райсыны равдыст. Къамисы сконды ис Илиа Инджиа, Шеварднадзейы рæстæджы мегакоррупцион фæлитой Фридон Инджиайы фырт, кæцыйы 1990-æм азты парламенты нæ фæдагурæн къамис йæ министрады бынатæй систа, цыран æз дæр уыдтæн уæнг. Иванишвили къамисы къухдариуæгæй снысан кодта Цъулукианийы, кæцыйæн йæ фыды лæгмарон архайдтытæн кæрон скодтон, парламенты «Гуырдзыстоны мæлæты тæрхоны фæстаг тобæйы тыххæй» закъон куы бахастон, уæд.
Ивгъуыд рæстæджы мумитæ æрыздæхтысты æмæ Гуырдзыстоны паддзахадæн æгад кæнынц. Иванишвили 2012 азы раивта нæ хицауады, кæцы фыдракæндтæ æмæ коррупцийы аххосæй фæуæлахиз. Уый Гуырдзыстоны дидинæфтыдæй адард кодта, фæлæ уый бæсты фыдракæндтæ æмæ коррупци дидинæг калдта.
Æппæтадæмон санкцигонд гадзрахатæй цæуыны къамисы хæс уыдис мæ скуынæг кæныны операци дæр кæронмæ ахæццæ кæнын, бирæ азты дæргъы мæ тыххæй алыгъуызон æлгъагдзинæдтæ æвæрыны фæстæ, ахæстоны мæ хъизæмар кодтой æмæ маргæйæ. Уыдон архайынц террористон методтæй, æрцахстой, зæгъæн ис, æмæ æппæт политикон разамонджыты дæр.
Уæлдай тынгдæр сæ хъыгдары уый, æмæ мæ изоляцийы æнæкæсгæйæ, фыццаг хатт мын мæ хъæлæс тæрхондоны залы куы æрæхгæдтой æмæ мын уый фæстæ бынтондæр куы æрæхгæдтой мæ хъусынгæнинаг, уæд мын æххуыс ноджы тынгдæр кæны, уæлдайдæр та фыдгæнæг синдикат цы фыдмитæ сарæзта, уыдоны руаджы.
Уымæн æмæ æз бирæ азты дæргъы уыдтæн Украинæйы политикæйы центры æмæ дæн Украинæйы сæрыстыр æмбæстаг, мæнмæ истерикæйы æхстытæй уырыссæгтæ дæр æрвитынц сигнал тохгæнæг Украинæйы лидермæ, цы хъысмæт æм æнхъæлмæ кæсы, кæд æмæ йæхи оккупантæн нæ ратта, уæд.
2008 азы мæм бирæтæ æрсидтысты, цæмæй ныууадзон Гуырдзыстон æмæ мæлæты тасæй эмиграцимæ ацæуон. Æз мæ хъуыды нæ фæивтон, мобилизаци кодтон гуырдзиаг æмæ дунеон æмæхсæнад, æмæ нæ æфсадимæ иумæ, фервæзын кодтам Гуырдзыстоны паддзахаддзинад.
Ныр дæр фидар лæууæм, ницы нæ скъуындзæн, нæ бауадздзыстæм знагæн нæ бæстæ нæхицæй байсын, уымæн æвдисæн у гуырдзиæгты активон ныхмæлæуд. Уæлдайдæр та фæстаг азты æмæ мæйты бирæ адæм бахаудысты уацары, æфхæрд баййæфтой æмæ уæддæр нæ ныппырх сты, уымæ гæсгæ тагъд рæстæджы хъуамæ ацы тох уæлахизмæ æркæнæм. Æнæфæцудгæ, хъæбатыр къахдзæфтæй, иудзинад æмæ фидар пъланæй мах хъуамæ байсæм нæ райгуырæн бæстæ оккупант æмæ йæ тыхгæнджыты къухтæй æмæ фервæзын кæнæм нæ сывæллæтты фидæн.
Кад Гуырдзыстонæн, кад сæрибарæн! Кад Украинæйæн! », – ныффыста Михеил Саакашвили.