Украинайы парламент хæстон уавæр  сæрды кæронмæ адарддæр кодта
Украинайы парламент хæстон уавæр сæрды кæронмæ адарддæр кодта

Украинайы парламент  хæстон уавæр  сæрды кæронмæ адарддæр кодта. Уынаффæимæ  сразы сты 320 депутаты.  Афтæдæр абон, Украинайы  парламент   йæ фарс рахæцыд  æппæтадæмон  мобилизацийы  23  августы онг адарддæр кæнынимæ.

Банысан кæнын хъæуы, цæмæй Украинайы  Радæйы рабадт, уæлдæфон  бырсты  фæдыл сигналы  тыххæй  рæстæгмæ  урæд æрцыд  æмæ   депутаттæ  бомбæмхæсæнмæ ахызтысты. Уый фæдыл  информаци, украинаг медиа, парламенты уæнг  Ольга Совгирайы  информацийыл æнцойæ хъусын кæны.

Информаци сбæлвырд кодта  афтæдæр радæйы депутат  Роман Грищук дæр.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй абон   Украинайы  парламент, бæстæйы хæстон уавæр  адарддæр кæныны фарстайыл тæрхон кодта.  Уæдмæ Радæйы   дзырдæй ралæууыдысты   Польшæйы æмæ Украинайы президенттæ.

Уæлдæфон бырсты фæдыл фæдисы сигнал  Украинайы территорийы стыр хайы уыд хуъыстгонд.