Петро Порошенко йæ къух рафыста Украинæйы хæстон уавæры фæдыл барамындыл

17:25, 26.11.2018

Украинæйы президент Петро Порошенко къух бафыста бæстæйы  хæстон уавæр  æрбайсыны  фæдыл барамындыл.   Режим  26 ноябры  15:0 сахатæй, 2019 азы 25 январы  15:00 сахатмæ  адарддæр  уыдзæн.

Украинæйы   националон  æдасдзинады æмæ   хъахъхъæнынады барамынд  12  пунктæй  у.  Банысан кæнинаг  у, уый æмæ фæстаг пункт у сусæг.

Президент  барамынды ныр  Уæллаг Радæ  хъуамæ сбæлвырд кæна, кæцы  уæлардон сессийыл æрымбырд уыдзæн.

Уырыссаг наутæ  Украинæйы  катертыл  Одессæйы наулæууæнæй  Мариуполы портмæ  змæлды  рæстæджы æхст  райдыдтой.  Инциденты фæстиуæгæн  Украинæйы   æхсæз  æмбæстаг  фæцæф сты.  Украинæйы  президенты  минæвары хъусинагæй  уырыссаг  арæнхъахъхъæнджытæ  ныридæгæн  20-æй  фылдæр украинаг æфсæддоны   æрцахстой.

Хуыздæр