Петро Порошенко сразы ис хæстон уавæры райхъусын кæнынæн
Петро Порошенко сразы ис хæстон уавæры райхъусын кæнынæн

Украинæйы  президент Петро Порошенко  сразы ис æфсæддон комитеты  æнхъаримæ, хæстон  уавæр   райхъусын кæныны  уынаффæ æдасдзинады советы рабадтмæ рахæссыны æмæ ацы æнхъарæнæй  Уæллаг Радæмæ  баздæхты  фæдыл. Украинаг медийы  хъусинагæй,   уый фæдыл Петро Порошенко  æдадсзинады советы  рабадтыл райхъусын кодта.

Порошенкойы  ныхæстæм гæсгæ,   хæстон уавæры  райхъусын кæнын нæ нысан кæны  Украинæйы æрдгæй  размæбырсæн мадзæлтты  сæххæст.

Афтæдæр  йæ  ныхæстæм гæсгæ,  уынаффæ  йæ  хъуыдыйы  нæ дары  мобилизаци. «Фæлæ хъуамæ  уæм  цæттæйæ», – бафтыдта ма  Петро Порошенко.

Уырыссаг наутæ  Украинæйы  катертыл  Одессæйы наулæууæнæй  Мариуполы портмæ  змæлды  рæстæджы æхст  райдыдтой.  Инциденты фæстиуæгæн  Украинæйы   æхсæз  æмбæстаг  фæцæф сты.  Украинæйы  президенты  минæвары хъусинагæй  уырыссаг  арæнхъахъхъæнджытæ  ныридæгæн  20-æй  фылдæр украинаг æфсæддоны   æрцахстой.