Украинайы генштабы информацийæ, оккупанттæм Украинайы, хæцæн æрмæджы æмæ хæлцады æртæбоны фаг фæстауæрц ма баззад
Украинайы генштабы информацийæ, оккупанттæм Украинайы, хæцæн æрмæджы æмæ хæлцады æртæбоны фаг фæстауæрц ма баззад

Уæрæсейы  тыхтæм ма  Украинайы æртæ  боны фаг  хæцæн æрмæг æмæ  хæлцады фæстауæрц баззад; аналогион   уавæр  ис  аратгы æрдгæй, кæцыйы баххæст кæнын  оккупацион  тыхтæ  автомобилон  цистернæтæй архайынц, – уый фæдыл  информаци, Украинайы  гарзджын тыхты генштаб хъусын кæны.

Генштабы бæрæггæнæнтæй, ивгъуыд  æхсæв-боны дæргъы, Украинайы  тыхтæ  ныхмæлæууæгы иу  хæдтæхæг,  æхсæз  æнæпилот  тæхæн аппарат  æмæ дыууæ  хæрдмæтæхæг æрыппæрстой. Æрыппаргæ  ракетæты нымæц  бæрæг кæнынц.   Скуынæг кодтой 14  танк, афтæма згъæртехникæ, æртæ  артиллерион  системæ. Мариуполы  хъахъхъæнджытæ афтæдæр скуынæг кодтой  Уæрæсейы  патрулон катер.

Уыимæ Украинайы  генштабы банысан кодтой, цæмæй  фæстаг  æхсæв-боны мидæг  знаджы  авиаци  активонæй  куыста. Украинаг  фарсы хъусинагæй, фæстаг æхсæв-боны мидæг, знаджы тыхты сæрмагонд скондæй  сæфты нымæц у 300-ы онг.