Украинайы генштаб – рæстæгмæ оккупацигонд Хъырымы а.х. администрацийы уынаффæйæ, æппæт территорийыл баурæдтой, рынчындæтты сабыр æмбæстæгты райст
Украинамæ Уæрæсейы бырсты 95-æм бон, Хъырымы рæстæгмæ оккупацигонд территорийыл, оккупацион а.х. администрацийы уынаффæйæ, бынæттон рынчындæтты сабыр æмбæстæгты нал исынц, цæфтæн сынтæджытæ ссæрибар кæнынæн – уый фæдыл Украинайы гарзджын тыхты генералон штабы æрвылбойнон информацийы мидæг дзырдæуы.
Афтæма сæ информацийæ, Хъырымы доннорты туг интенсивонæй æмбырд кæнынц. Уый æддæмæ ма генштабы хъусинагæй, Украинайы арæнмæ хæстæг, райрæзтис Белорусы гарзджын тыхты цæттæдзинад бæрæггæнæг мадзæлтты нымæц, Белорусы æрдгæй Украниайы инфраструктурон объекттыл ракетон æмæ авиахафтыты æртъхъирæн бæрзонд у.
Афтæма сæ информацийæ, Харьковы оккупантты сæйраг тыхархайд концентрацигонд уыд уæвæг фронты хахх баурæдыл.
«Донецкы æрдæм знаг æххæст кæны бырсæн операцитæ. Активон архайы ракетон æфсæддæтæ æмæ фæрæзтæй, æххæст кæны артиллерион æмæ радиоэлектронон мадзæлттæй. Се рдгæй райрæзтис оперативон-тактикон æмæ авиацион операциты интенсивондзинад. Оккупанттæ архайынц позицитæ бацахсын Лиманы. Хæст дарддæр кæны Северодонецкы, Адеввкæ æмæ Южнобужскы. Уырыссаг æфсæддæ зиан кæнынц æмбæстагон инфраструктурæ», – дзырдæуы генштабы информацийы.
Украинаг фарсы хъусинагæй, сæфтты компенсаци скæнынæн, оккупанттæ советон рæстæджы фæстауæрцтæй исынц æмæ архайынц дугивгъуыд хæцæнгарз, æфсæддон хотыхтæ æмæ техникæ.