Украинайы генштаб – «Азовсталы» территорийыл уæвæг дæлхайадты  сæргълæуджытæм лæвæрд уыд бардзырд  сæрмагонд сконды цард  аирвæрзын кæныны фæдыл
Украинайы генштаб – «Азовсталы» территорийыл уæвæг дæлхайадты сæргълæуджытæм лæвæрд уыд бардзырд сæрмагонд сконды цард аирвæрзын кæныны фæдыл

Украинайы   гарзджын тыхты  генштабы хъусын кæнынц, цæмæй  гарнизон «Мариупол»  йæ рард  сыххæст кодта, «Азовсталы» территорийыл  уæвæг  хайадты   сæргълæуджытæм лæвæрд уыд  сæрмагонд сконды  цард фервæзын кæныны  бардзырд.  Æмбæлон   информаци, Украинайы  генералон  штаб  социалон хызаг «Фейсбукы»  публикаци  кæны.

«Гарнизон «Мариупол» сыххæст кодта  хæстон рард.  Бæрзонддæр æфсæддон сæрдарад «Азовсталы» уæвæг  дæлхайады разамонджытæн  ратта  бардзрыд, сæрмагонд сконды  цард фервæзын кæныны фæдыл.  Цæуы  заводы  территорийыл блокиргонд  хъахъхъæнджыты  ирвæзынгæнæн  операци», –  дзырдæуы генштабы  фидиуæны.

Украинайы  хъахъхъæнынады министрады хъусинагæй, 16 майы  «Азовсталæй» сæххæст ис  уæззау  цæф  53  æфсæддоны эвакуаци, уыдоны фæхæццæ кодтой оккупацигонд   территорийыл уæвæг  горæт Новоазовскы  медицинон  уагдонмæ. Украианг фарсы хъусинагæй,   ноджы  211  хъахъъхæнæг  гуманитарон кæлидоры фæрцы  эвакуацигонд сты  Еленовкамæ, сæ  бивыны процедурæйæ  Украинайы   контролгонд  территоримæ  дарддæры  æрыздæхыны  бадзырдæй.

Генштабы  фидиуæнæй,  82  боны дæргъы «Азовсталы»  позицитæ  фидаргæнгæйæ, украинаг   хъахъъхæнджытæ нæ раттой  фадат  знагæн, батальоны  17 тактикон   къорды æндæр  æрдæмадæй   арвыстаит æмæ уымæй  фæкуылымпы  кодтой  Запорожьейы    цырд бацахсын  æмæ  Донецкы æмæ Запорожьейы  зылдты  администрацион  арæнтæм  рацæуын.

«Мариуполы» алыварс  ныхмæлæуджыты  тыхты  æрурæд нын ратта  фадат,  бацæттæ кодтаиккам  æмæ  сарызтаиккам  хихъахъхъæнæн хаххытæ, кæцытыл не  æфсæдтæ  сты абон дæр  æмæ  агрессоры  ныхмæ  аккаг хæцынц. Махæн критиконæй нысаниуæгджын   рæстæг нын  фæзынд, цæмæй  резервтæ  бафидар кодтаиккам,  нæ  тыхтæ  сцæттæ  кодтаиккам, æмæ  партнертæй  та нæм æрхæццæ уыдаит æххуыс», – дзырдæуы  генштабы фидиуæны.