Суданæй америкаг дипломатты æмæ сæ бинонты эвакуаци сыххæст ис

11:14, 23.04.2023

Суданы  æхсты æмæ  стындты  мыр не нцайы,  сæйраг горæт Хартумы  цæрджыты   фылдææн нæй  электроэнерги æмæ  дон.  Суданæй  цалдæр  сахаты  размæ  америкаг   дипломатты æмæ сæ бинонты   уæнгты эвакуаци  сыххæст ис. Ацы информаци  йæхæдæг Америкæйы  президент Джо Байден  бæлвырд кæны.

«Абон мæ бардзырдæй, Иугонд Штатты æфсæддæттæ ауагъдтой  операци  Хартумæй  Америкæ1йы хицауады    персонал раласынæн», –  банысангонд у Байдены  фидиуæны.

Ахæлиугонд  информацийæ, Судан  100-йы  онг Америкæйы  æмбæстаг æртæ  хæрдмæтæхæгæй  ныууагъдта.

Бакой уын кæндзыстæм,  уый Суданæй  фæсарæйнаг æмбæстæгты   нырид  дыккаг эвакуаци у.

Хуыздæр