Украинайы генштаб – Уæрæсейы æрдгæй Киевы зылдыл æхсæвы бырсты фæстиуæгæн фондз адæймаг фæцæф ис, базиан сты хæдтулгæтæ æмæ цæрæн корпус
Уæрæсейы æрдгæй Киевы зылдыл æхсæвы сæххæст бырсты фæстиуæгæн, фондз адæймаг ффæцæф ис, зиæнттæ райстой хæдтулгæтæ æмæ цæрæн корпус – уый фæдыл Украинайы гарзджын тыхты генералон штабы хъусын кæнынц.
Украианйы генштабы информацийæ, Уæрæсейы тыхты уагъд «Шахиды» типы 35 æнæпилот аппаратæй Украина сеппæты дæр скуынæг кодта.
Киевы зылды æфсæддон администрацийы хистæры, Сергей Попкойы дзырдæй, сæйраг горæты састыты æрхаудæй базиан ис авд хæдтулгæ æмæ цæрæн корпус. Фондз зианбавзарæг адæймагы та рынчындæттæм фæхæццæ кодтой.
Уыимæ Украинайы гарзджын тыхты информацийæ, Уæрæсе, оккупацигонд Хъырымæй, æхсæвы ныббырста Одессæйы регионыл дæр. «Х-22» типы ракетæтæ уагъд уыдысты иуæй-иу хæлцады компанийы æмæ денджызы былыл уæвæг рекреацион зонæмæ. Одессæйы регионы зынгсирвæзты ликвидацион куыстытæ ацы рæстæгмæ цæуынц. Зиангондты фæдыл информаци ацы рæстæгмæ бæрæг нæу.