Украинайы генралон прокурроры администрацийы хъусинагæй, Уæрæсейы агрессийы фæстиуæгæн, Украинайы 177 сывæллон амард, 336 та фæцæф сты
Украинайы Уæрæсейы агрессийы ф æстиуæгæн 177 сывæллон амард. Фæнысангонды тыххæй информаци, Украинайы генералон прокурроры администраци хъусын кæны.
Генералон прокуратурæйы фидиуæнæй, Уæрæейы хæсты 45 боны дæргъы Украинайы 177 сывæллон амард æмæ 336 фæцæф ис. Прокуратурæйы администрацийы хъусын кæнынц цæмæй ацы цифрæтæ æппынфæстаг не сты æмæ цæуы куыст активон хæстон архæйдтыты рæтты, афтæма рæстæгмæ оккупацигонд æмæ ссæрибаргонд территоритыл амæттæгты идентификацийæн.
Уыимæ, генералон прокуратурæйы хъусинагæй, бæстæйы масштабæй æрвылбойнон бомбæкалды фæстиуæгæн зиангонд у 938 ахуыргæнæндон, кæцытæй 87 скуынæг сты.