Украинайы генралон прокурроры администрацийы хъусинагæй, Уæрæсейы агрессийы фæстиуæгæн, Украинайы 177  сывæллон  амард, 336 та фæцæф сты
Украинайы генралон прокурроры администрацийы хъусинагæй, Уæрæсейы агрессийы фæстиуæгæн, Украинайы 177 сывæллон амард, 336 та фæцæф сты

Украинайы Уæрæсейы агрессийы ф æстиуæгæн  177 сывæллон  амард.  Фæнысангонды тыххæй  информаци, Украинайы  генералон прокурроры администраци  хъусын кæны.

Генералон  прокуратурæйы  фидиуæнæй,   Уæрæейы  хæсты  45 боны  дæргъы Украинайы 177  сывæллон   амард  æмæ  336 фæцæф ис.  Прокуратурæйы администрацийы  хъусын кæнынц  цæмæй  ацы  цифрæтæ  æппынфæстаг  не  сты  æмæ цæуы  куыст  активон  хæстон архæйдтыты рæтты, афтæма  рæстæгмæ оккупацигонд æмæ  ссæрибаргонд территоритыл  амæттæгты  идентификацийæн.

Уыимæ,  генералон   прокуратурæйы  хъусинагæй, бæстæйы  масштабæй  æрвылбойнон  бомбæкалды  фæстиуæгæн  зиангонд у 938  ахуыргæнæндон, кæцытæй   87  скуынæг сты.