Украинайы гарзджын тыхты сæрмагкамандыгæнæг – Украинайы æфсад  Мариуполыл контрол  йæхимæ æрыхдæхта, уæззау  тох  цæуы  Херсоны æмæ Харковы æрдæмадæй
Украинайы гарзджын тыхты сæрмагкамандыгæнæг – Украинайы æфсад Мариуполыл контрол йæхимæ æрыхдæхта, уæззау тох цæуы Херсоны æмæ Харковы æрдæмадæй

Украинайы   æфсад   йæхимæ æрыздæхт  горæт Мариуполыл  контрол, уæззау  хæст  та  ацытæккæ  цæуы Херсоны æмæ Харковы  æрдæмадтæй,  – уый фæдыл Украинайы   гарзджын тыхты  сæйрагкамандыгæнæг  Валери Залужны райхъусын кодта.

Украинайы  гарзджын тыхты сæргълæууæгы  дзырдæй,   Черниговы æрдæмадæй  Уæрæсейы  æфсады  размæцыд баурæдтой, горæт Харковы  фæзилæн фæндагыл та  цыппар танкы  спырх кодтой.

Валерий Залужныйы фидиуæнæй, зæгъгæ  скуынæг кодтой Уырыссаг æфсады  æхсæз хæдтæхæг, дыууæ хæрдмæтæхæг  æмæ   дæсгай згъæрхæдтулгæ. Хæлиу кæны  информаци, ц æмæй   Киевы айхъуыст  стынды  гуыпп.