Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад Михеил Саакашвилийы тыххæй куырдиат публикаци кæны
Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад Михеил Саакашвилийы Глданы 18-æм пенитенцион медицинон уагдонмæ аласыны фæдыл куырдиат публикаци кæны.
Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад ныфсаст у Украинайы æмбæстагы Михеил Саакашвилийы Глданы 18-æм пенитенцион медицинон уагдонмæ аласыны æмæ уый тыххæй, цæмæй уркианаг фарс уый фæдыл информиргонд нæ уыд.
«Курæг стæм гуырдзиаг фарсæй, æнæаргъæвгæйæ аласæт Михеил Саакашвилийы æмбæстагон медицинон уагдонмæ, кæцыйы уыдзæн алыхуызæн æнæмæнгхъæугæ медицинон техникæйæ æмæ тагъд медицинон æххуысмæ. Абон уый тыххæй, Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдонмæ Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрадæй лæвæрд уыд официалон нотæ.
Украинайы æмбæстаг Михеил Саакашвилийы пенитенцион медицинон уагдоны баззайыны цауы, сæвзæрдзæнис уæлдай риск æмæ уавæры эскалаци, кæцытæй хиаиуварс кæнын гæнæн ис гуманитарон цæстæнгасмæ гæсгæйæ. Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрады æмæ минæварад Гуырдзыстоны,Украинайы æмбæстаг Михеил Саакашвилийы алыварс ситуаци сæрмагонд контролыл дарынц» – банысчангонд у фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.