Леван Хабеишвили – ацы бæстæйы  сæйраг  проныгуылæйнаг  оппозиционер лидер у Михеил Саакашвили æмæ нæ ныгуылæйнаг партнерты аргълæвæрдтæ дæр уымæ æмбæлгæ  сты
Леван Хабеишвили – ацы бæстæйы сæйраг проныгуылæйнаг оппозиционер лидер у Михеил Саакашвили æмæ нæ ныгуылæйнаг партнерты аргълæвæрдтæ дæр уымæ æмбæлгæ сты

Ацы бæстæйы  сæйраг проныгуылæйнаг  оппозиционер  лидер у Михеил Саакашвили  æмæ  уымæ æмбæлгæ  сты  нæ  ныгуылæйнаг  партнерты аргълæвæрдтæ – уый фæдыл  «Иугонд Националон Змæлды» сæрдар, Леван Хабеишвили  райхъусын кодта.

«Хъуамæ æмбарæм, цæмæй нæм никæй санкци æхсызгон нæ кæсы,  хуымæтæгæй  уыдон  аразынц   уырыссаг æмæ антиныгуылæйнаг хъуыддаг.   Махмæ хуыздæр кæсы   санкциты бæсты, уырыссаг закхон ахæссæд фæстæмæ æмæ гуырдзиаг адæмæн  Евроцæдисы фæндагыл  барьертæ ма араза Иванишвили  æмæ уыцы  хицауад, кæцы цæттæ у   дыккаг хуъсыныл дæр   рахæца йæ фарс уырыссаг закъонæн.  Ацы бæстæйы сæйраг проныгуылæйнаг  оппозиционер  лидер у Михеил Саакашвили  æмæ  уымæ æмбæлгæйæ, йæ ахст  комкоммæ баст у    тæрхонон кланимæ, уырыссаг хицауадимæ æмæ  уымæ æмбæлон сты  нæ  ныгуылæйнаг  партнерты аргълæвæрдтæ. Вæццæгæн алчи дзæбæх æмбарæм, цæмæй Ивнаишвилийы  хицауадæн  иунæг партнер дæр нал ис ныгуылæны. С хæлæрттæ  сты  Песков, Лавров , Путин æмæ а.д.  æрмæст Михеил Саакашвилийы  тыххæй куы  зæгъæм уæд та, уымæн бирæ фарсхæцæг ис  куыд бæстæйы мидæгæй, афтæ  йæ арæнты æддæйæ» – райхъусын кодта Леван Хабеишвили.