Украинайы æддагполитикон уагдон – тызмæг фауæм Уæрæсейы æрдæгй а.х. президентон æвзæрстытæ ауадзын оккупацигонд Цхинвалы регионы
Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад тызмæг фауы Уæрæсейы Фекдерацийы æрдгæй а.х. президентон æвзæрстытæ ауадзын Гуырдзыстоны, оккупацигонд Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстоны территорийыл – уый фæдыл банысангонд у Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Украинайы æддагполитикон уагдоны фидиуæнæй, æнæзакъонон «æвзæрстытæн» сæ нысан у Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны суверенон территорийы хайы оккупацийы легитимаци скæнын, йæ ныхмæ у æхсæнадæмон барадæн æмæ йæм нæй барадон фæстиуджытæ.
Украинайы æддагполитикон уагдоны фидиуæны банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстоны Уæрæсейæ оккупацигонд территоритыл уагъд æнæлегалон хъæлæскæнынад,уыцы рæстæджы, уырыссаг æфсад куы дарддæр кæны Украинамæ лæбурд, гæнæн ис нысаниуæгджынæй фæфыддæр кæна æдасдзинады уавæр Сау Денджызы регионы æмæ сæвзæрын кæна дарддæры бындур Гуырдзыстоны ныхмæ ног агрессийæн.
«Украина кæддæриддæр й æ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæты. Уæрæсе хъуамæ сыххæст кæна 2008 азы 12 августы æхст фæурæды фæдыл бадзырдæй лæвæрд хæстæ æмæ фæстæмæ ахæсса Абхазы, Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстоны а.х. хæдбарады фæдыл уынаффæ, афтæмæ рæстæгмæ оккуыпацигонд территориты Донецк æмæ Луганскы регионты. Уырнæг стæм, цæмæй Уæрæсейы ныхмæ карз санкцитæ æмæ сæ лæмбынæг сыххæст, ахъаззаг уыдзæн куыд Гуырдзыстон, афтæ Украинайы территорион æнæхъæндзинад куыд гæнæн ис афтæ тагъд сæндидзын кæнынæн. Курæг стæм æхсæнадæмон æмгарадаæй, райрæзын кæнæт санкцитæ Уæрæсейы ныхмæ, цæмæй уый тæрхонмæ лæвæрд æрцæуæд ИНО-ы уагæвæрды æмæ æхсæнадæмон барады æндæр нормæты гуырымыхъхъ састы тыххæй» банысангонд у Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.