Украинайы æддагполитикон уагдон – Гуырдзыстоны хицауад æнæаргъæвгæйæ хъуамæ ныууадзæт Украинæйы æмбæстагæй политикон маст исын æмæ йæ адæттæн Украинамæ
Гуырдзыстоны хицауад æнæаргъæвгæйæ хъуамæ ныууадзæт Украинайы æмбæстагæй политикон маст исын, йæ бартæ хъахъхъæды гаранти хъуамæ сифтонг кæнæт æмæ йæ адæттæт Украинамæ, – уый фæдыл банысангонд у Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад адарддæр кæндзæн Михеил Саакашвилийы интересты сæрыл хæцын.
«Украниайы фæсарæн хъуыддæгты министрад ныфсаст у Тбилисы горæты тæрхондоны уынаффæйæ, кæцы не сразы ис Михеил Саакашвилйиы иргъæвæг фарсы куырдиатимæ йæ æнæниздзинады уæззау уавæры тыххæй æфхæрды æмгъуыд ахæцыны кæнæ йæ ссæрибар кæныны фæдыл. Уый афтæдæр нæзагъд ракодта æмбæстагы хоскæннмæ фæсарæнтæм арвитыныл. Гуырдзыстоны хицауад æнæаргъæвгæйæ хъуамæ ныууадзæт Украинайы æмбстагæй политикон маст исын, йæ барты хъахъхъæды гаранти сифотнг кæнæт æмæ йæ адæттæт Украинамæ. Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад адарддæр кæндзæн Украинайы æмбæстаг Михеил Саакашвилийы интерестæ хъахъхъæнын, кæцы хъуамæ ссæрибар уа», – банысангонд у Украинайы æддагполитикон уагдоны фидиуæны.
Тæрхондон Михеил Саакашвилийæн æфхæрды æмгъуыд ахæцыны кæнæ ссæрибар кæныны фæдыл адвокатты куырдиатимæ не сразы ис.