Украинаг медиайы  хуъсинагæй,   Днепропетровскы  Уæрæсейы  авиацийæ  цæрæн корпусы  бомбæкалды  фæстиуæгæн амæттаг нымæц  44-мæ ахæццæ ис
Украинаг медиайы хуъсинагæй, Днепропетровскы Уæрæсейы авиацийæ цæрæн корпусы бомбæкалды фæстиуæгæн амæттаг нымæц 44-мæ ахæццæ ис

Украинайы горæт Днепропетровскы  Уæрæсейы авиацийæ  цæрæн корпусыл бомбæкалды  фæстиуæгæн амæттагы  нымæц  44-ы  сырæзт.

Медиайы  информацийæ, агурæн-ирвæзынгæнæн операцийы   рæстæджы  39  адæймагы  фервæзын кодтой. Корпусыл бомбæкалды фæстиуæгæн  æмтгæй  райсгæйæ 79 адæймаг фæцæф ис.

14 январы, Украинайы массон  бырсты рæстæджы, иуæй-иу  уырыссаг ракета Днепропетровскы  бирæуæладзыгон  корпусыл сымбæлд.  Цæфы  фæстиуæгæн  хæдзары  иу хай ныккалдис. Фæстæдæр бæрæг ссис, цæмæй  Уæрæсейы Федераци  бирæуæладзыгон бæстыхайыл фехста  «Х-22» типы ракетæ, кæцыйы нырма советон цæдисы рæстæджы  спроект кодтой.