Украинаг фарсы информацийæ, Уæрæсе Украинайы горæт Черкассыйы центрыл бомбæкалд сыххæст кодта

12:03, 21.09.2023

Уæрæсе сæумæрайсомы  Украинайы  горæт Черкассыйы центрыд бомбæкалд сыххæст кодта.  Черкассыйы зылды  администрацийы  къухдариуæггæнæг  Игор Табурец фараст цæфы  фæдыл  хъусын кæны информаци. Ахæлиугонд информацийæ, дыууæ адæймагы уавæр у уæззау.

«Дарддæр кæны  кæлдздæгты  ныссыгъдæг  уырыссаг  ракетæй  æрхауды  бынатыл. Лæвæрд моментмæ  бæрæг у информаци  фараст цæфы фæдыл», – фыссы Табурец.

Ракетон  хафты фæстиуæгæн   горæты  пырх у  фысымуаты бæстыхай, афтæма  зынгсирвæзт  Базары   павильонты.  Бынатыл   ирвæзынгæнæн-агурæн  операци цæуы.

Хуыздæр