Украинаг медиа -  Уæрæсейы   оккупацион тыхтæ  Запорожьейы  æмæ Днепропетровскы  регионтыл бомбæкалд сыххæст кодтой
Украинаг медиа - Уæрæсейы оккупацион тыхтæ Запорожьейы æмæ Днепропетровскы регионтыл бомбæкалд сыххæст кодтой

Уæрæсейы   оккупацион тыхтæ  Украинайы   Запорожьейы  æмæ Днепропетровскы   регионтыл бомбæкалд  сыххæст кодтой.

Украинаг медиайы информацийæ,   горæт Никополы   цæрæн   зонæйыл бомбæкалды фæстиуæгæн, иу  адæймаг фæцæф ис, афтæма   базиан  сты  цæрæн хæдзæрттæ æмæ   газдадзæн.

Медиайы  хуъсинагæй, Запорожьейы   регионы цæрæн   пункттæ  уырыссаг  æфсæддæттæ  артиллерийæ æмæ   æнæпилот  хæдтæхджытæй  сыххæст кодтой бомбæкалд.  Фæцæф сты дыууæ адæймаг æмæ  базиан  сты  хæдзæрттæ.

Украинайы  æфсады  генштабы информацийæ,   ивгъуыд æхсæвы дæргъы  30-ы онг    быцæуæмбæлд уыд.  Афтæма  сæ  хъусинагæй , уырыссаг æфсæддæ сæ сæйраг тыхты, Лиманы, Авдеевкæйы  æмæ марьинкайы   æрдæмадтыл æмбырд кæнынц.  Генштабы дзурынц, цæмæй Уæрæсейы оккупацион тыхты бырсæнцыд  фæнысангонд æрдæмадтыл  Украинайы  æфсад фæстæмæ аппæрста.