Украинаг фарс хъусын кæны, цæмæй  Украина æмæ Уæрæсе  æрныхас кодтой  гуманитарон кæлидорты фæдыл, æхст рæстæгмæ  фæурæдæй
Украинаг фарс хъусын кæны, цæмæй Украина æмæ Уæрæсе æрныхас кодтой гуманитарон кæлидорты фæдыл, æхст рæстæгмæ фæурæдæй

Украина æмæ Уæрæсе  æрныхас кодтой    гуманитарон  кæлидоры фæдыл,  æхст рæстæгмæ  фæурæдæй.  Уый тыххæй   фехъусын кодта   Украинайы президенты офисы  къухдариуæггæнæджы уынаффæгæнæг Михаил Подоляк.

«Хъыгагæн  нын уыцы фæстиуæг нæй, кæцыйыæнхъæл уыдыстм. Иунæг цæй зæгъын у  нæ бон,  æркастыстæм  деталонæй  гуманитарон  аспект.  Бирæ горæт  ныр æрхъулагонд сты. Уым уæззау уавæр ис.  Хæлцады æмæ медикаментты æрдгæй.  Бафæрсдзынæн официалон коммюнике.  Фарсытæ  æрныхас кодтам, цæмæй  иумæйагæй  сырæза гуманитарон   кæлидортæ  сабырадон æмбæстæгты  эвакуацийæн.  Афтæма сæрмагондæй  карз  хæстон архæйдытыты  территоритæм медикаментты æмæ  хæринаг продукттæ нылласынæн.  Рæстгæмæ  æхст фæурæды  фадатæй  арæнгонд рæстæгæй  æмæ  уыцы  секторты, цы ран  сыххæст уыдзæн эвакуаци.  Ацы нысанæн, æввахс  рæстæджы,  æрцæудзæн специалон  коммуникацион каналты  организацидзинад æмæ æмбæлгæ логистикон  процедурæты  рæвдзкæнын» – райхъусын кодта Подоляк.