Украинæйы генералон прокуратурæ Михеил Саакашвилимæ æрфарстмæ фæсидтис
Украинæйы генералон прокуратурæ «Ног Тыхты Змæлды» лидеры Михеил Саакашвилимæ 18 декабры æрфарстмæ фæсидтис.
Уый тыххæй фидиуæн публикацийы уагъд æрцыд уагдоны официалон веб-фарсыл. «2017 азы 18 декабры, 09:30 сахатыл Украинæйы генералон прокуратурæмæ æрфарстмæ хъуамæ æрбацæуат 04.12.2017 азы тугтæрхоны барады хъуыддагыл гуырысхогонды стаутсæй» – дзырдæуы прокуратурæйы фидиуæны.
Михеил Саакашвилийы ныхмæ Украинæйы генераолн прокуратурæ хъуыддагæ рæгъмæ рахаста æртæ статийы бындурыл сæрмагондæй та – 15-æм статийы ( лæбурд, фыдракæнды хъавд) 28 статийы дыккаг пункты ( фыдракæнды сæххæст къорды рдгæй развæлгъау плангондæй» æмæ 256-æм статийы дыккаг пунктæй ( фыдгæнæг къорды уæнгтæн æххуыс æмæ сæ фыдгæнæгон архæйдтыты басусæг кæнын).
Знон Киевы Печерскы районон тæрхондон Михеил Саакашвилийы депутатты бæрны бацыдæй ссæрибар кодта.