Украинæйы генералон прокуратурæ Михеил Саакашвилимæ æрфарстмæ фæсидтис

20:46, 12.12.2017

Украинæйы  генералон  прокуратурæ «Ног Тыхты   Змæлды»  лидеры Михеил Саакашвилимæ  18  декабры æрфарстмæ фæсидтис.

Уый тыххæй фидиуæн   публикацийы уагъд æрцыд   уагдоны официалон веб-фарсыл.  «2017 азы  18 декабры, 09:30  сахатыл  Украинæйы   генералон  прокуратурæмæ  æрфарстмæ хъуамæ æрбацæуат 04.12.2017 азы тугтæрхоны барады  хъуыддагыл  гуырысхогонды   стаутсæй» –  дзырдæуы  прокуратурæйы  фидиуæны.

Михеил Саакашвилийы  ныхмæ  Украинæйы  генераолн  прокуратурæ  хъуыддагæ рæгъмæ рахаста  æртæ  статийы   бындурыл   сæрмагондæй та – 15-æм статийы ( лæбурд,  фыдракæнды хъавд)  28 статийы  дыккаг  пункты  ( фыдракæнды сæххæст  къорды рдгæй  развæлгъау плангондæй»  æмæ 256-æм статийы дыккаг пунктæй ( фыдгæнæг къорды уæнгтæн æххуыс æмæ сæ   фыдгæнæгон   архæйдтыты басусæг кæнын).

Знон  Киевы  Печерскы  районон  тæрхондон  Михеил Саакашвилийы депутатты  бæрны бацыдæй  ссæрибар  кодта.

Хуыздæр