Уильям Бернс – Евгений Пригожины  гарзджын растад, Уæрæсейыл хæсты пырхгæнæг  æндæвдад равдыста
Уильям Бернс – Евгений Пригожины гарзджын растад, Уæрæсейыл хæсты пырхгæнæг æндæвдад равдыста

АИШ-ы  централон рагысгарæг  агентады  директоры, Уильям Бернсы   фидиуæнæй,   «Вагнеры»  лидеры, Евгений Пригожины   гарзджын   растад  равдыста Уæрæсейыл Украинайы  ныхмæ  хæсты   пырхгæнæг  æндæвдад.

«Диссаг у, цæмæй Пригожины архæйдтыты размæ уыд   йæ рдгæй    куынæггæнæг   аххосæгтæ Кремлы  ныхмæ  Украинамæ  лæбурды  мæнг раст кæныны  æмæ   уырыссаг æфсæддон къухдариуæгады  æрдгæй  хæст уадзыны фæдыл.  Ацы ныхæсты  æмæ архайдтыты  æндæвдад   бæрæг   периоды  дæргъы  рахатинаг уыдзæн, кæцы у  дырыс  зæрдыл æфтауæн Путины хасты   пырхгæнæг   æндæвдады фæдыл  сæрмагонд дзыллæйыл æмæ сæрмагонд режимыл», –   банысан кодта  Мæскуыйы  АИШ-ы раздæры минæвар Оксфорды  уагъд   лекцийыл.

Бернс  растады, «уырыссаг   паддзахадæн   гарзджын быццæусидтæй»  схуыдта  æмæ банысан кодта, цæмæй уый уыдис «Уæрæсейы  мидæгон хъуыддаг, кæцыйы Иугонд Штаттæ  хайад нæдæр райста æмæ нæдæр фидæны  исдзæн».