Уæрæсейы уацарæй  107  украинаг хæстон ссæрибар ис, сæ  нымæцы «Азовсталы» 74  хъахъхъæнæг
Уæрæсейы уацарæй 107 украинаг хæстон ссæрибар ис, сæ нымæцы «Азовсталы» 74 хъахъхъæнæг

Уæрæсейы æмæ Украинайы æхсæн  уацайрæгты  радон баивд  ацыд.  Украинайы  президенты офисы къухдариуæггæнæг  Андрей  Ермак   телеграмм-каналы  куыд фыссы афтæмæй,    Украинамæ  Уæрæсейы  уацарæй  107  хæстон  æрыздæхт, сæ нымæцы  Мариуполы завод  «Азовсталы» 74  хъахъхъæнæг.

Йæ дзырдæй,  зæгъгæ  æрыздæхджытæй  бирæтæ сты  цæфтæ, сæ нымæцы уæззау  уавæры уæвæг дæр.  Иуæй-иутæ  марты фæстæ сты  цæфтæ. Йæ дзырдæй, зæгъгæ паддзахад алцыппæт аразы  уыдонæн баххуыс кæнынæн.  Ермакы  хъусинагæй,   ссæрибаргондты  æхсæн  æхсаз  сты офицертæ. Афтæма  ссæрибар кодтой  батальон «Азовы»  æртæ  уæнгы.

Украинайы  уацарæй 107 æфсæддон  ссæрибар кæнын бæлвырд кæнынц Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  министрады дæр.