Уæрæсейы коронавирусы 22 778 ног цау рабæрæг ис, амард 303 адæймаг
Уæрæсейы ивгъуыд æхсæв-боны дæргъы, «Ковид-19»-ы 22 778 ног цау рабæрæг ис, амард 303 адæймаг. Информацийы уый фæдыл уырыссаг медиа, бæстæйы оперативон штабыл æнцойæ хъусын кæны.
Пандемийы райдаынæй абоны онг, Уæрæсейы, «Ковид-19»-æй инфицирады 1 948 693 цау сбæрæг ис, амард 33 489 адæймаг.