Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад  æртæ зылды  украинаг æнæпило тæхæн аппаратты  бырсты фæдыл хуъсын кæны
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад æртæ зылды украинаг æнæпило тæхæн аппаратты бырсты фæдыл хуъсын кæны

Уæрæсейы хъахъхъæнынады  министрад  хъусын  кæны  украинаг æнæпилот тæхæн аппаратты  бырсты  фæдыл.

Уагдоны куыд дзурынц афтæмæй,  20 январы  æхсæвы   фæдис  уыдис  Орел, Смоленскы æмæ  Тулæйы   зылдты.

Афтæма сæ  хъусинагæй, Уæрæсейы уæлдæфыныхмæ  иргъæфы тыхтæ  æрмæст  Смоленскы  æртæ украинаг  дроны æрыппæрстой.  Афтæма хъусын кæнынц  æнæпилот тæхæн аппаратты  скуынæгы фæдыл Орелы æмæ Тулæйы  зылдты.   Развæлгъау информацийæ, цæфтæ  нæй.

Уырыссаг  медиайы хъусинагæй,   украинаг  æнæпилоттæхæн аппараттæ   афтæма ауыдтой  горæт Санкт-Петербургы  цур.  Фæстæдæр  бæрæг ссис, цæмæй   Ленинграды зылды фæзындис сыгъд  Уат-Лугы порты терминалы.  Бынæттон  хицауад куыд хъусын кæны афтæмæй,  цæфтæ нæй  æмæ  терминалы персонал афоныл уыд эвакуацигонд.