Уæрæсейы горæт Брянскы, нефтбазæйыл  сыгъд фæзынд
Уæрæсейы горæт Брянскы, нефтбазæйыл сыгъд фæзынд

Уæрæсейы горæт Брянскы  уæвæг нефты базæйыл абон  зынг сирвæзтис. Уый фæдыл «Ройтер» Уæрæсейы  уæлвæтк уавæрты  министрадыл æнцойæ  хуъсын кæны.

Министрады фидиуæны дзырдæуы,  ома  зынгсирвæзт   нефтдадзæны  компани  «Транснефты»  сæрмæмулкы уæвæг объектыл, Мæскуыйы рæстæгæй, 02:00 сахатыл фæзынд, фæлæ  горæты  кæцыдæр районтæй  цæрджыты  эвакуаци нæ бахъуыд.

Брянск Укранайы  арæнæй цæгат-хурыскæсæны  уæвæг   Уæрæсейы  иуæй-иу  администрацион  центр у, кæцы Украинайы  Сумы  æм Черниговы  регионты æрдгæй  ис.