Уæрæсейы горæт Белгороды  стындты фæстиуæгæн  æртæ  адæймаг амард
Уæрæсейы горæт Белгороды стындты фæстиуæгæн æртæ адæймаг амард

Уæрæсейы горæт Белгороды стындты  фæтсиуæгæн   3 адæймаг амард.  Киев æмæ Мæскуы стындты кæрæдзийы  аххосджын кæнын – информаци хуъсын кæны  «ВВС».

Белгороды  зылды  хистæры Вячеслав  Гладковы фидиуæнæй,   ивгъуыд  æхсæв  горæты   стындты  гуыпп хъуыстис. Фæстæдæр уый райхъусын кодта  цæмæй стындты фæстиуæгæн  æртæ  адæймаг амард  æмæ цыппар фæцæф  сты,  кæцытæй  сæ иуы  уавæр  уæзау у.

Гладковы дзырдæй,  æмтгæй  райсгæйæ  11  бирæуæладзыгон   æмæ 30  сæрмгаонд  хæдзар  базиан ис, кæцытæй  5 æнæхъæнæй  скуынæг ис.  Ивгъуыд бон,  Курскы  зылды  къухдариуæггæнæг райхъусын кодта, цæмæй   уырыссаг уæлдæфон хъахъхъæды  системæтæ   дыууæ украинаг   æнæпилот тæхæн аппарат æрыппæрстой.  Инциденты фæстиуæгæн ничи фæцæф ис.

«Хъыгагæн  хъауджы  уавæр ис  Белгороды.  Ныхмæлæуджыты сыххæст  бырсты  фæстиуæгæн   ис  фæмардуæвджытæ æмæ цæф æмбæстæгтæ,  скуынæг сты  сабыр  цæрджыты хæдзæрттæ» райхъусын кодта  Роман Старовойтов.

Украинаг  фарсы  бæлвырдмæ гæсгæйæ,  Белгороды бирæуæладзыгон   хæдзарыл  уырыссаг ракета «Панцыр»-ы  састытæ  сымбæлд.

Уырыссаг сенатор Андрей Клишас æрцæугæйы  схуыдта  Украинайы  æрдгæй  комкоммæ  агресийæ  æмæ сегасдæр карз, уый нымæцы  æфсæддон дзуапп раттын  æркуырдта.