Уæрæсейы фæстаг 24 сахаты мидæг коронавирусæй инфицирады  4 748 ног цау фæбæрæг ис,  амард 132  адæймаг
Уæрæсейы фæстаг 24 сахаты мидæг коронавирусæй инфицирады 4 748 ног цау фæбæрæг ис, амард 132 адæймаг

 

Уæрæсейы  фæстаг æхсæв-боны мидæг  коронавирусæй  амард 132  адæймаг. Æмбæлон  бæрæггæнæнтæ Уæрæсейы  хицауады  специалон веб-фарсыл  сты публикацигонд.

Афтæма сæ информацийæ,  фæстаг 24 сахаты дæргъы   инфицирады  4 748 ног цау фæбæрæг ис.

Официалон статистикæйæ, бæстæйы  коронавирусы  932 493 цау у бæрæг, уыдонæй   742 628 пациент сæнæниз ис.

Уæрæсейы  коронавирусы аххосæй  15 872  адæймаг фæхъуыд.