Уæрæсейы фæстаг 24 сахатмæ ног коронавирусы аххосæй 28 адæймаг фæмард

Уæрæсейы   фæстаг  24  сахатмæ  ног коронавирусæй   28 адæймаг  фæмард.  Эпидемийы  фыццаг бонæй   абоны онг, Уæрæсейы  «Ковид-19» аххосæй, йæ цардæй   ахицæн ис  198 адæймаг.

Уæрæсейы   оперативон штабы   куыд фехъусын кодтой,   афтæмæй,   зæгъгæ фæстаг 24  сахаты   вирусы   3  388  ног  цау  фæбæрæг ис.   Æмтгæй райсгæйæ   Уæрæсейы   эпидемийы   ахæлиуæй   абоны онг   «Ковид-19»  сбæлвырд ис   24 490   адæймагæн.

Вирус  ахæлиу ис   Уæрæсейы  84  регионы. Алтайы   Республикæ у  иунæг, цы ран  ацы  афонмæ   коронавирусы   цау  не  сфиксир ис.