Уæрæсейы Думайы комитет Гуырдзыстонæй сæны æмæ минералон доны импорты фæурæды, афтæдæр æхцайæ æрвитæггæгты фæтобæйæн йæ фарс рахæцыд
Уæрæсейы паддзахадон думайы æхсæнадæмон ахастыты комитет йæ фарс рахæцыд фракци «Единная Россия»-йы инициативæйæн, Гуырдзыстонæй сæны æмæ минералон доны импорт фæурæды æмæ Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ æхца æрвысты фæтобæйы фæдыл.
Агентад «ТАСС»-ы хъусинагæй, уый фæдыл журналисттæн комитеты сæрдар Леонид Слуцкий захта.
«Æхсæнадæмон ахастыты комитет йæ фарс хæцы паддзахадон Думайы фракци «Единная Россия»-йы къухдариуæгæй разагъд инииативæйæн продукцийы, сæрмагондæй та сæны, минералон доны импорты арæн скæныны фæдыл, афтæдæр нæ бæстæты æхсæн æхцайæ æрвитæггæгты бауромыны тыххæй», – райхъусын кодта Слуцкий.
Думайы уæнг нæ ацух кодта, цæмæй Уæрæсейы æххæстгæнæг хицауад æрнымадгонд мадзæлттимæ иумæ, фылдæр карз мадзæлттæ райсдзæн.
«Уый саразын æнæмæнгхъæугæ у, уымæн æмæ уый цыдæриддæр «Рустави 2»-ы эфиры æрцыд, рæстмæ хъуыдыйæ, хæрзиуæг æмæ фыдбылызы фæлгæттæй дæр ахызт, æмæ ноджы иу хатт банысан кæндзынæн, ахæм митæ абсолютонæй æнæруадзгæ сты», – райхъусын кодта Леонид Слуцкий.
Афтæма Слуцкийы ныхæстæм гæсгæ, 9 июлы, паддзахадон дума пленарон рабадтыл хъавы, æркæса куырдиаты проект, «Гуырдзыстоны антиуырыссаг истерийы» тыххæй, уый нымæцы Габуниайы монологыл регир кæныны мадзæлтты фæдыл.
«Ацы фарста каст æрцæудзæн Думайы советы рабадтыл, документы æрцæттæ кæндзæн хæдбар Паддзахадты Æмгарады Евразиаг интеграцийы æмæ æмбæстонтимæ цæдисы комитет», – райхъусын кодта Слуцкий.