Уæрæсейы æфсæддон полици Сирийы сахар Манбиджы алфæмбылæйтты патрул кæнын райдыдта
Уæрæсейы æфсæддон полици Сирийы сахар Манбиджы алфæмбылæйтты æмæ Турчы арæнгæрон патрул кæнын райдыдта. Æфсæддон полицийы минæвары Юсуф Маматовы дзырдæй, патрулкæныны нысан у гарзджын къордты позициты æмæ бынативды кантрол кæнын.
Уырыссаг æфсæддон полицйы патрул кæныны маршруттæ регуляронæй ивд цæуынц.
АИШ-ы президент Сирийæ æфсæдды ракæнын куы ахицæн коджта уый фæстæ, сирйаг курдæгтæ хицауадмæ, сахар Манбиджмæ æфсад бакæныны куырдиатæй баздæхтысты. Сидтæй цалдæр сахатмæ, хицауадон æфсад сахар бацахста. Курдæгтæ дзурынц, цæмæй фæнысангонд уынаффæ рахастой Турчы лæбурдæй хи бихизыны нысанæй.