Уæрæсейы æддагполитикон уагдон – Уæлхох Карабахы конфликты зонæмæ ласынц æнæзаконон гарзджын формиргонд уæнгты Сири æмæ Ливийæ
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй, Уæлхох Карабахы конфликты зонæмæ æнæзаконон гарзджын формиргондты уæнгты ласынц Сирийæ æмæ Ливийæ. Уый фæдыл дзырдæуы Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты уагдон ахæлиугонд фидиуæны.
«Æрбафтгæ хъусинæгтæй, Уæлхох Карабахы конфликты зонæмæ æнæзаконон гарзджын формиргондты уæнг хæцджыты ласынц Сирийæ æмæ Ливийæ, цæмæй хайад исыой хæстон архæйдты. Стыр мæстыдзинад æвдисæм ацы процессты тыххæй, кæцы æнæуыйдæр ныттынгонд уавæр ноджы карздæр кæны æмæ регионы бæстæты æдасдзинадæн дæргъвæтин тас æвзæрын кæны.
Курæг стæм интересджын паддзахадтæй, алы мадзæлттæй бацархайæт, цæмæй конфликты фæсарæйнаг террористтæ æмæ æххуырс хæцджытæ ма исой хайад, æмæ æнæаргъæвгæйæ аддæмæ уой регионæй», – дзырдæуы Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй уæдмæ Сомихыстон æмæ Азербайджан Уæлхох Карабахы конфликты зонæйы сириаг æххуырст хæцджыты æххуысæй пайда кæныны азымджын кодтой сæ кæрæдзийы.