Уæрæсе Херсоныл цы бомбæкалд сыххæст кодта  уый фæстиуæгæн æрбамард  иу адæймаг, дыууæ та  фæцæф сты
Уæрæсе Херсоныл цы бомбæкалд сыххæст кодта уый фæстиуæгæн æрбамард иу адæймаг, дыууæ та фæцæф сты

Уæрæсе Херсоныл цы бомбæкалд сыххæст кодта  уый фæстиуæгæн æрбамард  иу адæймаг, дыууæ та  фæцæф сты,  цæфтæй  сæ иу у сывæллон.  Æмбæлгæ  информаци  украинаг медиа, Херсоны  æфсæддон зылдон  администрацийы  къухдариуæггæнæгыл Ярослав Янушевичыл  æнцойæ  фыссы.

Янушевичы  дзырдæй,  зæгъгæ уырыссаг оккупанттæ ивгъуыд æхсæв-боны мидæг  Херсоны  зылды  æрдæм 54  хатт  фехстой.

«Рашисттæ дарддæр  кæнынц  терроры  тактикæйæ архайынц, барæй æххæст кæнынц  хафтытæ  æмбæстагон инфраструктурæ æмæ  зылды  сабырадон  цæрджытыл», – райхъусын кодта Янушевич.

Оккупанттæ бомбæкалд ракодтой  Херсоныл, Чернобаевкæйыл, Антоновкæйы æмæ æндæр цæрæн  рæттыл.