Уæрæсе Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæвизæйы режим ауæрæхдæр кодта. Информаци уырыссаг медиа парахат кæны.
Дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд фыссынц, афтæмæй æмбæлон уынаффæ рахаста Уæрæсейы президент, Владимир Путин.
Уæрæсейаг медиайы информацимæ гæсгæ, барадон актты порталы публикацигонд резолюцийы ног версийы нал ис уæлвæтк цауты фæдыл фыст, кæцыты тыххæй раздæр æнæмæнгхъæугæ уыд визæ.
Уæрæсейы медийы веб-фарсыл публикацигонд информацимæ гæсгæ, ныр Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Уæрæсейы Федерацимæ æнæвизæйæ бацæуыны фадат уыдзæн, цæмæй ахуырад райсой, кусæн нысанæн, кæнæ та Уæрæсейы территорийыл 90 бонæй фылдæр баззайой .