Уæрæсе  æмæ  Китай  иуæймаг егъаумасштабон  æфсæддон ахуыртæ уадзынц
Уæрæсе æмæ Китай иуæймаг егъаумасштабон æфсæддон ахуыртæ уадзынц

Уæрæсе  æмæ  Китай  иуæймаг   егъхаумасштабон  æфсæддон ахуыртæм   рахызстысты. Информаци  хъусын кæны агентад  «Ройтер».

Ахуырты  кæцыйы  10 минæй  фылдæр æфсæддон исы хайад,   Китайы  цæгат-централон   хайы,  Нин-Сяйы   регионы  цæуы  æмæ 13  августмæ аххæсдзæн.  Ахуырты  хайад исынц  уырыссаг Су-30 СМ  типы хæдтæхджытæ, уæлдæфон  иргъæфы системæтæ  æмæ   мотоæхсджыты  хайадтæ.

Уымæй  уæлдай ма, уырыссаг æфсæддæттæ  ахуыртæ   фыццаг хатт  китайаг æхсæнгарзæй  сыххæст кæндзысты.  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  министрады  информацийæ,  ахуыртæ   терроризмимæ тохы  фæхуыздæрæн сты.

Уæрæсе-Китайы  ахуыртæ Афгъанистаны   къорд «Талибаны»  активизацийы   фоныл цæуынц, кæцы бæстæйы   фылдæр  хай  йæ  контролы бын бакодта.

Банысан кæнын хъæуы  уый æмæ  ивгъуыд къуырийы, Уæрæсе   Таджикистанимæ иумæ дæр  ауагъдта æфсæддон ахуыртæ, Афгъанистаны  арæнтæм хæстæг. Уымæй   дарддæр ма  Мæскуыйы   фидиуæнæй,   Таджикистнаы   уæвæг   Уæрæсейы   æфсæддон базæ ифтонг  уыдзæн  уæлæмхас æхсæнгарз æмæ техникæйæ.