Уæлвæтк уавæрты фæткдар куыст стихийы фæстиуджыты ликвидацион куыстыты фæдыл информаци хæлиу кæны.
Гуырдзыстоны уæлвæтк уавæрты фæткдар куыст фидар къæвдайы фæстиуæгæн Гуырдзыстоны регионты сырæзт проблемæты æмæ стихийы фæстиуджыты ликвидацион куыстыты фæдыл информаци хæлиу кæны.
Уагдоны хъусинагæй, Кахеты, Гуры æмæ Гардабаны, тæркъæвдайы фæстиуæгæн сцад сты цæрæн хæдзæрттæ æмæ хъæууынгтæ.
«Къахет – сцад ис Сигънагъы æмæ Лагодехს цыппар хъæу. Æдæппæт æрбацыд 6 хъусинаг. Кахеты цæрæн хæдзæрттæй донцъирæн мадзæлттæ фесты.
Гур – сцад сты хæдзæрттæ æмæ хъæууынгтæ. Æдæппæт райстам 18 сидты. Ирвæзынгæнджытæ эвакуаци скодтой æмæ æдас ранмæ аргъæвдтой 3 хæдзары бинонты. Ацы рæстæгмæ Гуры уагъд цæуынц хæдзæртты ныккæндтæй донцъирæн мадзæлттæ.
Гардабан, хъæу Кърцъанис – сцад сты цæрæн хæдзæрттæ æмæ хъæууынгтæ. Райстам цыппар хъусинаг. Ирвæзынгæнджытæ 11 хæдзарæй ракодтой 15 адæймагы.
Кърцъанис хъæуы хæдзæрттæй дон сцъирыны мадзæлттæ сног сты сæумæрайсомæй», – дзырдæуы уæлвæтк уавæрты фæткдар агентады информацийæ.
Уагдоны хъусинагæй стихийы фæстиуæгæн иунæг регионы дæр æмбæстæгтæ нæ базиан сты.
«Уæлвæтк уавæрты фæткдар куыст, дарддæр кæны специалон режимæй кусын»,- хъусын кæнынц уагдоны.