Уæлхох Карабахы уырыссаг-туркаг цæстдарынады центр саразыны фарстайыл 13 ноябры фæуынаффæ кæндзысты
13 ноябры Уæрæсейы делегаци Уæлхох Карабахы уырыссаг-туркаг цæстдарынады центр саразыны фарста æркæсынæн ныццæудзæн Туркмæ.
Уый фæдыл Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр Мевлут Чавушогълу, Бакуйы пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта. Информаци ахæлиу кодта Уырыссаг медиа.
«Нысаниуæгджыныл нымайæм Уæрæсейы позици Уæлхох Карабахмæ гæсгæ. Майрæмбон, Туркмæ Уæрæсейы делегаци фæуазæг уыдзæн, цæмæй цæстдарынады центры саразыны деталтæ æркæсæм», – банысан кодта Чавушогълу.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Уæрæсейы делегацийы визиты фæстæ, Турк ауадздзæн бадзрыдтæ Азербайджанимæ. Уырыссаг-туркаг центры бæлвырд бынат, фæбæрæг уыдзæн Азербайджаны хицауадимæ коммуникацийы фæстæ.