Сомихыстоны медийы  хъусинагæй,  Уæлхох Карабахмæ  ивгъуыд æхсæв-боны дæргъ 316 лигъдон æрыздæхтис
Сомихыстоны медийы хъусинагæй, Уæлхох Карабахмæ ивгъуыд æхсæв-боны дæргъ 316 лигъдон æрыздæхтис

Сомихыстонæй  Уæлхох Карабахмæ  ивгъуыд æхсæв-боны мидæг  æрыздæхтис 316  лигъдон.  Лигъдонты æрыздæхыны  процессы  хайад исынц  уæрæсейаг æфсæддæттæ.  Информаци уый фæдыл хуъсын кæны  сомихаг медиа.

Ереванæй  Степанакерты  æрдæм лигъдæтты аластой  автобустыл.  Медийы хъусинагæй,  уырыссаг  контингент  балцы рæстæджы  сæ  æдасдзинад ифтонг кодта.

Уырыссаг æфсæддæттæ   æхсты фæурæды  бадзырд хъахъхъæнынмæ гæсгæ, 23  цæстдарæн пунктыл   контрол иудадзыгæй æххæст кæнынц.

Бынæттон медийы   хъусинагæй,   Уæлхох Карабахмæ  æмтгæй райсгæйæ  42 000-йæ  фылдæр   лигъдон  æрыздæхтис.  Конфликты зонæйы   æхст фæурæды  бадзырд къухæвæрд æрцыд  Уæрæсе, Азербайджан æмæ Сомихыстоны æхсæн  9 ноябры.