Уæлхох Карабахы  уырыссаг-туркаг  цæстдарынады   центр  саразыны фарстайыл  13  ноябры  фæуынаффæ кæндзысты
Уæлхох Карабахы уырыссаг-туркаг цæстдарынады центр саразыны фарстайыл 13 ноябры фæуынаффæ кæндзысты

13  ноябры  Уæрæсейы  делегаци  Уæлхох Карабахы  уырыссаг-туркаг  цæстдарынады   центр  саразыны фарста æркæсынæн   ныццæудзæн Туркмæ.

Уый фæдыл  Турчы  фæсарæн хъуыддæгты  министр  Мевлут  Чавушогълу, Бакуйы   пресс-конференцийы  рæстæджы фехъусын кодта. Информаци ахæлиу кодта  Уырыссаг медиа.

«Нысаниуæгджыныл нымайæм  Уæрæсейы позици  Уæлхох Карабахмæ гæсгæ.  Майрæмбон, Туркмæ Уæрæсейы   делегаци фæуазæг уыдзæн, цæмæй  цæстдарынады центры саразыны   деталтæ  æркæсæм», – банысан кодта  Чавушогълу.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ Уæрæсейы  делегацийы  визиты фæстæ, Турк  ауадздзæн  бадзрыдтæ  Азербайджанимæ.  Уырыссаг-туркаг  центры  бæлвырд бынат, фæбæрæг  уыдзæн  Азербайджаны  хицауадимæ  коммуникацийы фæстæ.