Уæлхох цæрæн бынаты статус лæвæрд æрцыд ноджы 14 хъæумæ – уæлхлох регионты фæдыл закъонæй бæрæг уæлбартæй пайда кæндзысты Чъиатурайы, Сачхерейы, Харагаулы, Борджомы, Марнеулы, Карелы, Багъдат æмæ Тъхъибулы муниципалитетты хъæуты цæрджытæ.
Ацы хъæутæ сты: Сачхерейы муниципалитеты хъæу Личи; Чъиатурайы муниципалитеты хъæутæ: Мелушеет,Манданет æмæ Цъхъалшави; Харагаулы муцниципалитеты хъæутæ: Мзваре,Чрдили æмæ Гедсаманиа: Борджомы муниципалитеты хъæутæ: Тадзрис æмæ Сакъире; Марнеулы муниципалитеты хъæу Брдазор; Карелы муниципалитеты хъæу Гъогъет; Багъдаты муниципалитеты хъæу Хани; Тъхъибулы муниципалитеты хъæу, Мухура.
Премьер-министр Гиорги Квирикашвили хицауады абоны рабадтыл куыд банысан кодта афтæмæй, уæлхох регионты цæрджытæн цæрæнуавæрты фенцондæр кæнын, хицауады иуæй-иу ахсджиаг приоритет у.
Гиорги Квирикашвилийы дзырдæй, растдæр уый тыххæй æрцыд ис Уæлхох регионты фæдыл закъон.
«Уæлхохцæрæн бынаты ранымадмæ хаст æрцыд ноджы 14 хъæу. Уымæй та бæрæг у, цæмæй ацы хъæуты бирæсывæллонджын мæдтæ бирæ сты, афтæдæр дохтыртæ, пенсионертæ, кондадтæ, кæцытæ уым кусынц, райсдзысты уæлæмхас уæлбар. Нысаниуæгджын у, цæмæй дæсгай мин бинонтæ нырид спайда кодтой ацы уæлбартæй, кæцы тынг ахсджиаг у, æнæ æрмæст бынатыл цæрджыты æрфидар кæныны, фæлæ ма уæлхох хъæутæм адæмы æрыздахынæн дæр. Уый у æнæ æрмæст социалон-экономикон, фæлæ ма æдасдзинады рард дæр. Ацы программæ æнтыстджынæй цæуы. Закъонæй бæрæг уæлбартæй уæлдай, 10 милуан лари рахицæн ис уæлхох регионты традицион культурæйы æмæ экономикон ардæмадты рапарахатæн æмæ алцыппæт ай, æмткæй райсгæйæ, мæнмæ гæсгæ нæ цæрджытæн иттæг нысаниуæгджын уыдзæн» – райхъусын кодта Гиорги Квирикашвили.